Цæгат Ирыстоны фæфылдæр кодтой, Æрыдоны цæугæдоны былгæрæттæ фидаргæнæнты бындурон цалцæгæн цы фæрæзтæ радих кодтой, уыдон. Уый хъæуы, цæмæй дон Алагир æмæ поселок Энергетикмæ ма ракæла.
250 милуан сомæй фылдæр æдæппæтæй рахай кæндзысты дæтты былгæрæттæ фидаргæнæн куыстытæн. Уый ‘руаджы Алагиры районы цæрджыты хæдзæрттæ æмæ фæндæгтæ æдас уыдзысты. Беслæны дæр уыцы куыстытæ цæуынц. Уымæй уæлдай ма федералон программæмæ хъуамæ бахауой Ногхъæу, Суадаг æмæ Дзуарыхъæу. Хицауады сæрдар Дзанайты Барис бабар кодта дзуапдæттæг министрæн республикæйы зæххæн иртæстытæ скæнын, æмæ базилинаг бынæттæ кæм ис, уыдоны тыххæй информаци федералон центрмæ арвитын.
















