Цæгат Ирыстоны фæнд кæнынц Ирон æвзаджы центр байгом кæнын. Уый тыххæй йæ телеграмм-каналы фехъусын кодта регионы разамонæг Сергей Меняйло. Хъуыддагыл кусынц Ахуырады министрады.
Сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, центр аразынц, мадæлон æвзаг ахуыр кæнын кæй фæнды, уыдонæн. Йæ кæсæн залы уыдзæн ирон газеттæ æмæ журналтæ, ирон авторты чингуытæ æмæ кинозал. Центры сабиты лæвар ахуыр кæндзысты зард, кафт, аив дзырд, театралон дæсныйад æмæ бирæ æндæртыл. Центры бындурыл фæнд кæнынц равдыстытæ, национ бæрæгбæттæ, стæй мысæн æмæ историон бонтæм нысангонд тематикон мадзæлттæ аразын.
Æппæт уавæртæ сараздзысты зонадон архайдæн дæр. Ам бакусæн уыдзæн ног программæтæ, нырыккон ахуырадон чингуытыл. Уæлдæр кæндзысты ахуыргæнджыты дæсныдзинад æмæ сæ цæттæ кæндзысты регионалон æмæ æппæтуæрæсеон ерыстæм.
«Уырны мæ, ирон æвзаг, культурæ æмæ æгъдæуттæ бахъхъахъхъæныны хъуыддагæн Центр ахъаз кæй уыдзæн», – фæнысан кодта Сергей Меняло.
















