Сергей Меняйло фембæлд компаниты къорд «Современные транспортные технологии»-йы генералон директор Олег Марковимæ. Æркастысты хæдтулгæты ног хуызтæм. Республикæйы разамынды сæйраг нысан — бæлццæттæн æнцонвадат уавæртæ саразын. Автопарк рагæй у сног кæнинаг.
Цыппар хæдтулгæйы цыппар нысанæвæрдимæ. Горæтты æхсæн, горæтгæрон æмæ мидæггаг рейсытæн, стæй дард туристон балцæн. Презентацийы регионы разамонæг техникæйæн аккаг аргъ скодта. Хæдтулгæтæ ифтонггонд сты æнцонвадат бадæн бынæттæй, кондиционертæй. Автопарк сног кæныны фыццаг къæпхæны регионы бон у 40 автобусы балхæнын.
Нæ бæстæйы конд транспортыл дзургæйæ, фыццаджыдæр, зæрдæ ахсайы хæдтулгæйы æнцойдзинадмæ. Уæдæ республикæйы автопарк та 2000-æм азтæй нырмæ ноггонд нæ уыд. Фæстаг хатт хæдтулгæтæ балхæдтой 15 азы размæ. Уæдæй нырмæ лæггæдты домæнтæ аивтой, стæй пассажирты нымæц зынгæ фæфылдæр. Компани «Современные транспортные технологии» ныридæгæн цы регионты кусы, уыдонæй алкæцыйы дæр машинæты ифтонгад алыхуызон у. Дзæуджыхъæуы фарстайыл кусдзысты ног домæнтæ хынцгæйæ.
Куыстуат ГАЗ цы автобустæ равдыста, уыдонæн сæ хæйтты 80% сты Уæрæсейы конд. Хæдтулгæтæ парахат кæнынц æгас бæстæйыл, ласынц сæ фæсарæнтæм. Уый экономикæйыл хъуамæ хорзырдæм сахада. Ахæм куыстуæттæн, фæсарæйнаг компанитæ раивынæй уæлдай, сæ бон у адæмы куысты бынæттæй ифтонг кæнын. Ахæм гæнæнтæ тагъд рæстæджы Цæгат Ирыстоны дæр фæзындзæн.
Транспортон инфраструктурæ æмæ фæндагон хæдзарадмæ цæстдарæг ведомствотæ ныртæккæ кусынц дарддæры пълæнттæ снысан кæныныл. Сног кæнын фæнд кодта куыд транспорт, афтæ маршруттæ дæр. Хынцдзысты цæудзысты горæты ног районтæ. Стæй горæтгæрон æмæ республикæйы районты хъæутæ дæр.
















