Цæмæдæр гæсгæ, ленк кæнын нымад у рог спорты хуызыл. Фæлæ æнцондзинады бын – æппынæдзухы уæззау тренировкæтæ, карз фæтк æмæ хиуыл æнæрлæугæ куыст. Алы ахуыр дæр райдайы сурыл разминкæйæ: хæцъæфтæ схъарм кæнын, буар бæстон æмæ иумæйаг архайдмæ бацæттæ кæнын. Æрмæст уый фæстæ донмæ ныххизын.
Ленкгæнджытæ æрвылбон бассейны фæвæййынц цалдæр сахатгай, баххæст кæнынц дæсгай хæслæвæрды, алы фезмæлд дæр бæстон æмæ раст. Къухты равæрд, тых, гуыры сконд, къæхты змæлд – ам алы лыстæгдзинад дæр ахсджиаг у. Иу рæдыд — æмæ дистанцийы зынаргъ минуттæ сæфт æрцыдысты.
Максимæн ленк кæнын хуымæтæг хъуыддаг нæу, сси йæ царды ахсджиаг нысан. Ацы спорты хуызы ныр 15 азы архайы. Уыцы афонмæ бирæ хæттыты сси чемпион, сæххæст кодта спорты дæснымæ норматив. Ныртæккæ та иннæтимæ цæттæ кæны дарддæры ерыстæм. Уыцы иу рæстæг тренировкæ кæны сывæллæтты, дæтты сын йæ фæлтæрддзинад.
Æрæджы сывæллæттæ ссыдсты ерыстæй, уым равдыстой хорз бæрæггæнæнтæ. Цæгат Кавказы федералон зылды чемпионаты Краснодары республикæйы иугонд командæ рамбылдта 70 майданы хицæн дисциплинæты æмæ эстафетæты.
Елена Андрушкевич спорты ныридæгæн 11 азы ис. Уыцы рæстæгмæ æппæты бæрзонддæр къæпхæнмæ бирæ хæттыты схызт, дыууæ азы та хæссы спорты мастермæ кандидаты ном. Кæддæр бассейнмæ йæ æнæниздзинад фæхъæддых кæнынмæ æрбацыд, фæлæ чызджы курдиат республикæйы иугонд командæйы тренер Игорь Бутякин уайтагъд федта.
Алы уæлахиз дæр къухы бафты æрмæст спортсменты бæстон архайды фæрцы нæ, фæлæ ма тренеры æрвылбоны куысты руаджы дæр. Уый раиртасы алы æрбацæуæджы хъомыс, цæст дары куыд техникæмæ, афтæ командæйы психологон уавæрмæ дæр.
Игорь Бутякины фидарæй уырны: стыр уæлахизтæ райдайынц дисциплинæ æмæ ныфсхастдзинадæй.
Ныртæккæ республикæйы иугонд командæ цæттæ кæны Уæрæсейы чемпионатмæ, уый ацæудзæн июны Казаны. Спорсментæ тырнынц æрмæст уæлахизтæм.
















