Æрвылбоны бæрæггæнæнтæ коронавирусæй рынчынты тыххæй. Цæгат Ирыстоны сыл бафтыд 83 адæймаджы. Æдæппæтæй сæ нымæц сси 10 мин 177. Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады хъусынгæнинагмæ гæсгæ, республикæйы дзæбæхгæнæндæтты ис 1320 адæймаджы.
Уыдонæй Тагъд Æххуысы Клиникон Рынчындоны 680, COVID-имæ 227-æй. Реанимацийы æххуыс хъæуы 58 адæймаджы, аппараты фæрцы улæфынц 16-æй. Республикæйы Клиникон Рынчындоны та ныртæккæ ис 575 адæймаджы. Коронавирус дзы рабæрæг 139-мæ. Реанимацийы хайады ис 61 рынчыны. Аппараты фæрцы дзы улæфынц 29-æй. Сывæллæтты Республикон Клиникон рынчындоны ис 30 сывæллоны, 16 та сты хистæр кары. COVID дзы рабæрæг 20 сабимæ æмæ 14 хистæрмæ. Бафтаудзыстæм ма уый, фæстаг суткæйы æмгъуыдмæ коронавирусæй амард ноджы иу адæймаг. Афтæмæй низы аххосæй амард 82 адæймаджы.
















