Цæгат Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады мобилон къорды пъæлицæйæгтæ бабæрæг кодтой «Барбашовы фæз». Уазджытæн сарæзтой экскурси, радзырдтой Советон Цæдисы хъæбатыр Петр Барбашовы æхсардзинады тыххæй.
Уæлдай æргом аздæхтой мемориалон-историон комплексы хæстон техникæмæ. Дисы сæ бафтыдтой хæстон цауты кæй архайдтой, уый. Базонгæ сæ кодтой Фыдыбæстæйы Стыр Хæсты архайджытимæ, цæгатирыстойнаг хъæбатырты историимæ, равдыстой дзот дæр.
Музейы ис номдзыд цæрæджы сгуыхтдзинад æвдисæг инсталляци, хæсты рæстæджы дзауматæ æмæ хæцæнгæрзтæ. Экспозицийæ уæлдай æрыгон пъæлицæйæгты зæрдæмæ фæцыд «В бой идут одни старики», стыр экраныл кæй æвдыстой, уый.















