Цæгат Ирыстоны минæвар Уæрæсейы æхсæнадон палатæйы дарддæр уыдзæн æхсæнадон змæлд «Нæ Ирыстон»-ы сæрдар Лæгкуты Вячеслав. Ногæй йæ равзæрстой дыккаг пленарон æмбырды. Ныртæккæ палатæйы у нациты æмæ динты ‘хсæн хæлар ахастдзинæдты фæдыл къамисы сæрдары хæдивæг.
Лæгкуты Вячеславæн бæстæйы Æхсæнадон палатæйы ацы расидт у æртыккаг. Йæ уæнгты нысан кæнын ын райдыдтой февралы кæрон Уæрæсейы Президент Владимир Путины хъæппæрисмæ гæсгæ. Номхыгъдмæ баххæсдзысты 170 адæймаджы.
















