«Остров Аквакультура» компани парахат кæны валер кæсæгтæ. Цæгат Ирыстоны кæсагдарыны хæдзарад нымад у æппæты егъаудæрыл. Сæ продукци ма ласынц суанг Мæскуы æмæ Петербургмæ. Кæсæгты мыггæгтæ амал кæнынц фермерон хæдзарæдтæй. Ацы куысты тыххæй æппæт сусæгдзинæдтæ чи зоны, уыдоны бабæрæг кодта не ‘сфæлдыстадон къорд дæр.
2 мин тоннæйы афæдзмæ. Уый бæрц валер кæсагтæ схæссынц компани «Остров Аквакультура». Алцыдæр райдайы цехы, еугæфæй. Дарддæр чысыл кæсæгтæ. Уый фæстæ кæсæгтæ аласынц хæдзарæдтыл, уым сæ сырæзын кæнынц. Цæттæ продукци ласынц Мæскуы æмæ Санкт-Петербургмæ. Уыимæ ма, куыд уазалæй, афтæ салдæй дæр. Компани афæдзмæ парахат кæны 1200 тоннæйы цæттæ продукци.
Лæмбынæг кæсынц, дон цы уавæры ис, уымæ. Сахатмæ йæ баивынц дыууæ хатты. Йæ температурæ у 8-18 градусы. Кæсæгты адих кæнынц сæ асмæ гæсгæ. Валер куы сыстыр вæййы, уæд æй баиу кæнынц иннæ егъау кæсæгтимæ иу бассейны. Хæссынц сæ æнæ хъацæнтæй, сыгъдæг кормæй. Тагъд рæстæджы ма Æрыдон æмæ Дарг-Кохæй уæлдай, компани фæзындзæн Кæрдзыны дæр.
Фæстаг æртæ азмæ куыстуат рапарахат кæныныл бавæрдтой 1 млрд сомы бæрц. Куыстуат æмгуыст кæны чысыл фермерон хæдзарæдтимæ дæр. Æрбаласынц сын кæсаджы мыггæгтæ, хæринаг æмæ сæрмагонд технологи. Уыимæ архайынц хæрзиуæг кæныныл.
Специалистты ныхæстæм гæсгæ, Цæгат Ирыстоны кæсагдарыны куыст фæстæг рæстæг парахат кæны. Уымæн та сын егъау æххуыс сты æрдзон фадæттæ. Нæ республикæ хъæздыг у суадæттæй. Уæдæ температурæ дæр зымæгон æмæ сæрдыгон — куыд æмбæлы, ахæм. Фæлæ сæмбæлынц къуылымпыдзинæдтыл дæр. Уæрæсейы кæсæгты мыггæгтæ кæй нæ цæттæ кæнынц, уымæ гæсгæ йæ амал кæнынц фæсарæнты. Фæлæ уыцы фарста дæр лыггонд æрцыд.
Кæсæгты мыггæгты центр саразынæн фæнд кæнынц æрдæг миллиард сомы бæрц рахай кæнын. Ууыл æрдзырдтой куыстадон фембæлды рæстæг нæ бæстæйы президент Владимир Путин æмæ Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло. Арæзтад райдайдзæн 2023 азы. Центр байгом кæнынмæ хъавынц 2025 азы кæронмæ.
















