Беслæны теракты хъыгдæрбаййафджытæй 300 адæймагæй фылдæрӕн бакӕндзысты материалон æххуыс. Æхцайы фæрæзтæй фадат уыдзæн фæсарæнтæм ацæуын, æнæниздзинад фæфидардæр кæнын. Абон Беслæны уыд «Матери Беслана» комитеты пресс-конференци. Бæлвырддæр нæ дарддæры æрмæджы.
Беслæны теракты фæдыл слестгæнæн мадзæлтты æмгъуыд аргъæвтой ацы азы декабры кæронмæ. Уый тыххæй æрвылазон пресс-конференцийы фехъусын кодта «Беслæны мадæлты» комитеты сæрдар Дудиаты Сусаннæ.
Ацы аз паддзахадон Думæйы бадзырдмæ гæсгæ Беслæны теракты хъыгдæрдбаййафджытæн райдыдтой æххуыс кæнын. Фæйнæ дыууæ милуан сомы райсдзысты фæсарæнты æнæниздзинад фæфидар кæнынæн, теракты уæззау цæфтæ чи фæци, уыдон. Программæ æххæст кæндзысты 23-æм азмæ. Уымæй уæлдай хæстæгдæр рæстæг 330 адæймагæн фадат уыдзæн санаторон-курортон реабилитаци ацæуын.
Дудиаты Сусаннæ куыд радзырдта, афтæмæй теракты чи бахауд, уыдонæй бирæтыл а фæстаг рæстæг тых кæнынц психоматикон низтæ. Арæхдæр сæм фæзыны депресси, æнæфсон тарст, сæрзилæн æмæ трагедийы æндæр фæстиуджытæ. Уыцы 40 адæймагимæ хыгъд арвыстой нæ бæстæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрадмæ. Куы бахъæуа, уæд номхыгъдмæ уыдзæн бахæссæн ног нæмттæ.
Беслæны мадæлты комитеты ахсджиаг фарстатæй иу — генералон планы æххæст кæныны мадзæлттæ. Ныртæккæ Беслæны аразынц ног скъолатæ, рæвдауæндæттæ, æвзонг техникты æмæ натуралистты станцæтæ, кванториум æмæ афтæ дарддæр. Фæнд кæнынц саразын ихын галуан æмæ сывæллæтты парк Терчы былгæрон. Фæлæ сæйраг бынат уæддæр у 1-æм скъола. Йæ бындурыл фæзындзæн музей æмæ терроризмы профилактикæйы центр.
Комитеты хъуыдымæ гæсгæ, Беслæн хъуамæ суа сабибонты горæт. Зæрдæйы маст æмæ рис кæм æрбынæттон сты, уым хъуамæ бынат уа хъæлдзæгдзинадæн, амонд æмæ цардмæ уарзондзинадæн.
















