Кусæг дæсныйæдты кад бæрзонддæр кæны. Дзæуджыхъæуы бирæвæрсыг техникумы студенттæ зæрдиагæй архайынц сæ зоныныдзæинæдтæ хъæздыгдæр кæныныл. Уыимæ ма сæхи фæлтæрынц практикон ахуырты дæр. Педагогты ныхæстæм гæсгæ, ахуырты фæстæ фæсивæдæн сæ бон у кустмæ рацæуын. Æмæ сын йе ссарын дæр æнцон вæййы. Ныртæккæ та æрыгæттæ сæхи цæттæ кæнынц «Ворлдскилс» чемпиаонатмæ.
Нывгæнгæйæ, сæ алы фезмæлд дæр у арæхстгай æмæ бæстон. Ацы куысты алцæмæн дæр стыр нысаниуæг ис. Фыццаг бакастæй афтæ зыны, цыма дæсны нывгæнджыты куыстытæ сты. Битъиты Хетæг у бирæвæрсыг техникумы рауагъдон. Æппынæдзух ныв фæкæны. Йæ курдиат ын æххуыс у сæрдæн куыстыты дæр. Ныридæгæн йæхи цæттæ кæны Цæгат Кавказы хæххон металлургон институтмæ, йæхицæн равзæрста аразæджы дæсныйад.
Иуты фæнды юрист суæвын, иннæты — экономист. Аслан Андуров та равзæрста æндадзæджы дæсныйад. Æппæт хъæугæ миниуджытæ дæр æм ис. Фидар миддуне, физикон цæттæдзинад, сæйрагдæр та, лæппу у къухарæхст.
Кусæг дæсныйæдтæ парахат кæнын у техникумы разамынды сæйраг хæс. Ам алывæрсыг райрæзтæн арæзт цæуынц æппæт уавæртæ дæр. Нырыккон æрмадзтæй уæлдай аразынц скъоладзаутæн марафонтæ. Рагацау сæ зонгæ кæнынц алыхуызон дæсныйæдтимæ. Маляр-штукатур, плиткæ æвæрæг, хилдасæг, хæдтулгæ аразæг æмæ æндæртæ. Студенттæ техникумæй рацæуынц цæттæ специалисттæй.
Ныртæккæ студенттæ иумæйагæй сæ ахыргæнджытимæ сæхи цæттæ кæнынц «Ворлдскиллс»-мæ. Сæйраг нысан у — фæсивæды ‘ргом раздахын кусæг дæсныйæдтæм. Æмæ уыцы нысан, æнтысгæ дæр кæны, зæгъынц специалисттæ.
















