15-æй 17-æм мартъимæ цæуы сывæллæтты æмæ фæсивæды æппæтуæрæсеон змæлд «Движение первых»-ы Цæгат Кавказы регионалон хайæдты разамынды командæты æмбырд.
Сæйраг мадзæлттæ ацæудзысты Цæгат Ирыстоны физикон-технологон факультеты бындурыл. Республикæйы сæргълæууæджы æмæ Хицауада администрацийы разамонæг Гобеты Ибрагим фембæлд кусæг мадзалы фæлгæты сывæллæтты æмæ фæсивæды æппæтуæрæсеон змæлды разамынды сæргълæууæджы хæдивæг Лариса Сулимæимæ.
Æмбырды сæйраг нысан – Цæгат Кавказы æрæмбырд кæнын иумæйаг разамынды командæ, ацы æмæ фидæны азæн стратеги снысан кæнын, стæй ахуырады уагдæтты саразын змæлды къордтæ. Мадзалы архайджытæн бацæттæ кодтой егъау программæ.
















