Цæгат Ирыстоны Уæлахизы боны ацæудзæн æфсæддон парадтæ Дзæуджыхъæу æмæ Мæздæджы. Сараздзысты акци «Бакæс сæ цæсгæмттæм», республикæйы алы рæтты ацæудзæн «Æнæмæлгæ полк». 9-æм маймæ цæттæгæнæн мадзæлттыл дзырдтой сæрмагонд комитеты æмбырды. Амыдта йæ Сергей Меняйло.
Пъланы – республикæйы сæргълæууæгимæ кадджын фембæлд, бæрæгбоны салют, æфсæддон намысы бынæттыл мотоциклтæ æмæ хæдтулгæтыл дугъ, акцитæ «Георгийы номыл лент» æмæ «Мысæн дыргъдон», лæгдзинады урок, спартакиадæ æмæ бирæ æндæртæ. Сергей Меняйло бабар кодта æппæт мадзæлттæ саразыныл бацархайын рагацау. Уæлдай æргом аздахын хъæуы фæсивæды æфсæддон-патриотон хъомыладмæ – скъолаты саразын уроктæ Ветеранты совет ӕмӕ æхсæнадон организациты архайдимæ. Скъоладзаутæ æмæ студенттæ фембæлдзысты, Уæлахизы боны рæстæг сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæй республикæйы чи уа, уыдонимæ. Дзæуджыхъæуы цы парад уа, уым бацархайдзысты Урæсейы Хъахъхъæнынады министрады æмæ æндæр ведомствоты минæвæрттæ. Механизацигонд колоннæты – техникæйы 23 иуæджы. Сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй парады бацархайын сæ бон у Суворовы номыл училищæйы ахуыргæнинæгтæн, æрыгон армионтæн, кадеттæн. Бæрæгбоны мадзæлттæ бацæттæ кæндзысты Культурæйы министрад æмæ районты администрацитæ.
















