Рухстауыны министр Сергей Кравцовы уынаффæмæ гæсгæ, бæстæйы райдыдта акци «Мæ фыццаг ахуыргæнæг».
Архайы дзы Цæгат Ирыстон дæр. Республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министры хæдивæг Габеты Вадим абон бабæрæг кодта йæ къласы фыццаг разамонæг Миндзайты Розæйы. Сылгоймаг сабитæн балæвар кодта йæ царды 55 азы, уыдонæй 25 фæкуыста, æвзæр чи хъусы, уыцы сывæллæтты скъолайы. Фæллой кодта Сырх-Дыгур æмæ Цыколайы дæр, мадæлон æвзаг амыдта райдиан кълæсты ахуыргæнинæгтæн. Миндзайты Розæ у фæллойы ветеран æмæ адæмон ахуырады иттæгдзау.
















