Ногæй та партæты уæлхъус. Æртæ къуырийы фæсаууонмæ ахуыры фæстæ скъоладзаутæ æмæ студенттæ рацыдысты ахуыры раздæры фæткмæ. Ахæм уынаффæ рахаста регионы разамонæг Сергей Меняйло. Дзæуджыхъæуы 41-æм скъолайы ахуырдзаутимæ фембæлд нæ уацхæссæг.
Ахуыргæнæг æмæ скъоладзауты æнувыд бастдзинад разынд тынг ахстджиаг. Уый уæлдай тынг рабæрæг пандемийӕйы рæстæг. Компьютертæ æмæ æндæр уæлæмхасæн æрмæг пайда сты рæстæгимæ æмдзу кæнынæмæ, фӕлӕ уæддæр хуымæтæг ныхас скъоладзаутæ æмæ сæ хъомылгæнджытæн ницæмæй баивæн ис. Бæллыдысты сколайы уæлæдарæс скæнынмӕ æмæ та партæйы уæлхъус æрбадынмæ.
Директоры ныхæстæм гæсгæ, фæсаууон хуызы ахуырад кæд се ‘нцондӕртӕй нæу, уæддæр ахуырады хæрзхъæддзинад нæ бахъыгдæрдта. Уроктæ цæуынц нысангонд фæткмæ гæсгæ. Уæдæ диктанттæ æмæ кæронбæттæны куыстытæ дæр афтæ.
Ахуырады цыдмæ сæ хъус дардтой республикæйы ахуырады управлени æмæ министрады специалисттæ. Скъоладзаутæй цухтæ ничи кодта, дистанцион хуызы ахуыр кæныны фадат кæмæн нæ уыд, уыцы бинонтæн та баххуыс кодтой скъолайы.
41-æм скъолайы ахуыр кæны мин ӕмӕ 2 сæдæ адæймагæй фылдæр. Æдасдзинадмæ ныр сæ цæст дарынц бæстондæр. Ахуыргæнджытæ – маскæты, агъуыстытæ æрвылбон цæуынц дезинфекцигонд. Ауырдзаутæн та барынц сæ тæвд.
















