Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджыты хæстон цауты тыххæй базонын. Уæрæсейы хъæбатырты боны агъоммæ Цæгат Ирыстоны скъолаты ацыдысты лæгдзинады уроктæ. Уæрæсейы хъæбатыртæ, уыимæ ветерантæ скъоладзаутæн фæхай кодтой сæ фæлтæрддзинадæй. Мадзалы сæйраг хæс истори ма рох кæнын.
Сывæллæттæ цымыдисæй хъусынц хæстон таурæгътæм. Уазджытæ – Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджытæ æмæ Уæрæсейы Хъæбатыртæ. Хæстон цауты архайджытæ сабитæн радзырдтой се ‘нкъарæнтæ, мысинæгтæ æмæ цардвæндаджы тыххæй. Ахæм фембæлдтытæ, скъоладзауты ныхæстæм гæсгæ, сты тынг ахджиаг. Æмбарынц æй, йæ истори чи нæ зоны, уымæн йæ фидæн дæр зæрдæхсаинаг кæй у, уый.
Хъæбатырдзинады урок сбастой Фыдыбæстæйы хъæбатырты бонимæ. Мадзал аразджыт æ — сывæллæтты сфæлдыстады республикон галуан, Ветеранты Совет æмæ организаци «Боевое Братство». Фембæлдтытæ аразынц æрвылаз. Сæ сæйраг нысан историон цауты ‘рцыд ма рох кæнын.
Акцийы фæлгæты сабиты базонгæ кодтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты тыххæй документалон æмæ аивадон кинонывтимæ. Æнæмæнг хъуыддаг – хæст йæхи цæстæй чи федта, уыдонимæ аныхас кæнын. Хъæбатырдзинады уроктæ уыцы иу рæстæг цыдысты Дзæуджыхъæуы цалдæр скъолайы. Сабиты раст хъомыладæн мадзал арæзт цæудзæн фидæны дæр.
















