Равдисын рæсугъд ныхмæлæуд. Цæмæй спортуарзджыты зæрдæты баззайа. Ацы нысанмæ æнтыстджынæй цæуынц Кочиты Аланæ æмæ Борæдзаты Камилæ. Дыууæ чызджы дæр иу æмæ дыууæ хатты сæхи хорз нæ равдыстой алыхуызон æмвæзадыл ерысты. Æрæджы та ма бацархайдтой Уæрæсейы чемпионаты. Фембæлдтытæ ацыдысты горæт Орелы.
Каратейы сæйрагдæр у ныхмæлæууæджы раст ныццæвын. Кочиты Аланæ йæхи иттæг хорз бацæттæ кодта. Тренирæвкæйы рæстæг йæхи куыд дары, уымæ гæсгæ зæгъæн ис, æмæ йын æцон у, фæлæ уый бынтон афтӕ нæу. Бирæ лыстæгдзинæдтæ дзы ис. Раст æрлæууын, уæраг раст рахæсын, гуыр разилын. Уæмæн дзæвгар рæстæг хъæуы. Ацы спорты хуызы чызг йæхи фæлвары 15 азы.
Аланæйæн йæ къухы бирæ æнтыстдзинæдтæ бафтыд. Се ‘хсæн – алыхуызон æмвæзадыл ерысты уæлахиз. Хорз цæттæдзинад равдыста Уæрæсейы чемпионаты дæр. Ацыд горæт Орелы, бацахста дзы дыккаг бынат æмæ райста æвзист майдан. Фæлæ спортсменкæ ахæм хатдзæгæй бынтон разы нæу. Чызг йæхицæн дарддæр æвæры нысан — сызгъæрин майдан райсын.
Борæдзаты Камиллæ раздæр архайдта къуххæсты спорты. Каратемæ, Аланæйы хуызӕн, æрæджиау æрбацыд. Фæлæ хиуыл куысты руаджы фондз азмæ схызт профессионалон æмвæзадмæ. Йе ‘вæрæн бахаста республикæйы иугонд командæйы уæлахизмæ дæр. Йе ‘нтыстдзинæдты тыххæй дзуры æфсæрмыгæнгæ.
Чемпионатмæ чызджытӕ сæхи цæттæ кодтой цалдæр къæпхæнæй. Фæстаг æмæ цæттæгæнæн æмбырд уыд Дагестаны. Иумæйаг куыст æрхаста хорз бæрæггæнæнтæ. Финалмæ фæндагыл нæ командæ фæуæлахиз Тюмень æмæ Мæскуыйæ спортсменкæтыл. Къорды архайджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй сын стыр æххуыс уыдысты сæ разамонджытæ.
Уыцы æнтыстдзинадыл æрлæууынмæ нæ хъавынц. Ныридæгæн цæттæ кæнынц ног ерыстæм. Ацæудзысты сентябры. Тырндзысты æрмæст уæлахизмæ.
















