Стъолыл уæрджыты æмæ синты æрхæджыты хуызист. Бирæ адæм сæ рыстытæн быхсынц, уымæн æмæ нæ фæзонынц кæцы дохтырмæ бацæуой уый. Цæгат ирыстоны медицинон академийы рауагъдон, ортопед-травмотолог Алан Шадян ныр 12 азы дзæбæх кæны йæ æрхæджыты рыстæй чи хъæрзы, уыцы адæмы. Ацы бонты ис Дзæуджыхъæуы, фæнды йæ йе `мзæххонтæн баххуыс кæнын.
Дохтыры æххуысмæ алы кары адæм æрбацæуы. Дохтыр куыд зæгъы, афтæмæй æппæты арæхдæр цы диагноз рахæссы, уыдон фæзынынц артрозы æмæ æсджытимæ баст низты аххосæй. Стæй ма дохтыр куыд бафиппайдта, афтæмæй бирæтæ дохтырмæ æрбацæуынц сæ бон цæуын куы нал вæййы, уæд. Иутæн фæхъæуы æрхæг аивын, иннæтæн нал фæбззы нуар æмæ стæг цы бæтты уыцы хай, кæмæн дæр фаты стæг сæмраст кæнын.
Алы аз дæр дохтыр йæ отпуск арвиты йæ райгуырæн бæстæ – Дзæуджыхъæуы. Фæлæ фæллад уадзыны бæсты æххуыс кæны адæмæн. Мæскуыйы клиникæты райста хорз фæлтæрддзинад, уæлдайдæр та спортивон цæфты фæстиуджытæ иуварс кæныны. Æмæ ам куы вæййы, уæд фыццаджыдæр баххуыс кæны зын æпераци кæмæн фæхъæуы, уыцы рынчынтæн.
Фидæнмæ Алан Шадян нысан кæны дарддæр йе мзæххонтимæ кусын, лæвар сын сæ низтæ бæрæг кæнын æмæ хъæугæ специалистты федералон центртæй ардæм хонын. цæмæй рынчын адæмы æндæр горæттæм цæуын ма хъæуа.
















