Цæгат Ирыстоны цæрджытæй сæ æфтиæгтæ фæцæрынæн æппынкъаддæрæй чысылдæр кæмæн сты, уыдоны нымæц æрхауд 11,6%. Фæстаг 10 азмæ уый у æппæты къаддæр бæрæггæнæн республикæйы. Уый тыххæй йæ телеграмм каналы фехъусын кодта Сергей Меняйло.
Сæргълæууæг æрхаста бæрæггæнæнтæ. 2017-æм азы – 14,4%. 2030-æм азмæ та хъуамæ дыууæ хатты фæкъаддæр уа. Ахæм хатдзæгтæ къухы бафтыдысты федералон хъæппæристы руаджы. Хорзырдæм ыл сахадыдта сывæллоны райгуырды фæдыл иухаттон фиддон. Фарон æй æмткæй райсгæйæ бафыстой 9,3 млрд сомæн.
















