Нарты кадджытимæ баст фæрстытæ Нартиадæйы афæдз хынцгæйæ. Дзæуджыхъæуы райдыдта Ирон æвзаг æмæ литературæйæ Олимпиадæйы республикон къæпхæн. Скъоладзауты фæнды иттæг хорз зонындзинæдтæ равдисын æмæ афтæмæй се ‘скъолатæ æмæ сæ районты кад бæрзонд æмвæзадмæ сисын.
Мурасты Дзерассæ йæ зонындзинæдтæ бафæлварынмæ Æрыдонæй ссыд. Ахуыр кæны 1-æм скъолайы. Ирон æвзаджы уроктæ йын æппæтæй уарзондæр суанг райдиан кълæсты систы. Уæдæ фидæны дæсныйад дæр равзæрста. Фæнды йæ нæ фыдæлты хæзна – мадæлон æвзаг – бахъахъхъæнын. Олимпиадæйы ма архайдта фарон дæр.
Тыджыты Артур та у Октябрскæйы 1-æм скъолайы ахуыргæнинаг. Фидæны дохтыр суын фæнд кæны. «Фæлæ цыфæнды дæсныйад куы равзарай æмæ дæ суанг æндæр бæстæмæ ацæуын куы бахъæуа, уæддæр мадæлон æвзагыл зæрдæ ивæн нæй», – зæгъы лæппу.
Ирон æвзаг æмæ литературæ бирæ чи уарзы, ахæм фæсивæд ацы аз æрбамбырд 200-йæ фылдæр. Уыдон сты Дзæуджыхъæу æмæ республикæйы æппæт районты хуыздæр минæвæрттæ. Ацы аз олимпиадæ цæуы Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты Ирон филологийы факультеты бындурыл. Æмæ уый хуымæтæджы нæ.
Олимпиадæ æрвылаз арæзт æрцæуы республикæйы Ахуырад æмæ наукæйы министрады хъæппæрисæй. Вæййы дзы 3 къæпхæны: скъолайы, муниципалон æмæ республикон. Кæронбæттæнмæ рахизынц 9-11 кълæсты ахуырдзаутæ.
Хæслæвæрдтæ баст сты Нарты кадджытимæ. Уый, 2023-æм аз Нартиадæйы азæй кæй æрцыд нысангонд, уый фæдыл. Фæсивæд дзы сæмбæлдысты, сабибонтæй фæстæмæ зонгæ цы рæнхъытимæ сты, ахæмтыл дæр.
Фидæны Ирон æвзаг æмæ литературæйы олимпиадæ фæнд кæнынц федералон номхыгъдмæ бахæссын. Ууыл Ахуырад æмæ наукæйы министрад бацархайдзæн Цæгат Ирыстоны паддзахадон университетимæ иумæ. Зæрдæ дарынц, æмæ иннæ аз Мадæлон æвзаг уарзджыты ерыстæ ног, бæрзонддæр æмвæзадыл кæй ацæузысты, ууыл.
















