«Учитель года России», зæгъгæ, конкурсы фыццаг къæпхæн цæуы Цæгат Ирыстоны. Архайынц дзы 22 адæймаджы. Муниципалон ерысты уæлахтздзаутæ равдыстой сæ методикон æвæрæнтæ. Ныр амыдтой «Гом уроктæ». Дыккаг къæпхæнмæ ахиздзæн 10 адæймаджы. Æркасты архайджытæ фæсурокты равдисдзысты сæ фæлтæрддзинад, сараздзысты дæсныйадæвдисæн ахуыртæ.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, регионалон къæпхæн райдыдта 1-æм мартъийы. Финалмæ рацæудзысты фондзæй. Уæлахиздзау сбæрæг уыдзæн кадджын уавæры апрелы. Мадзал цæуы педагог æмæ зондамонæджы азы фæлгæты.
















