Цы хъæуы, цæмæй сывæллон йæ фæлладуадзæн бонтæ ирд æмæ хъæлдзæгæй арвита? Фыццаджы дæр æмгæрттæ. Ног хæлæртты ссарæн ис сывæллæтты лагерьты. Уыимæ ма, лагерь дзæбæхгæнæн куы уа, уæд та йæ пайда дывæр уыдзæн. Центр “Солнечная Осетия” суазæг кодта сывæллæтты фыццаг фæлтæр. Бацæттæ сын кодтой тематикон сменæтæ. Зæгъæм, “Æрыгон патриот”, йæ фæлгæты фæсивæдæн аразынц лæгдзинады уроктæ, рæзын сæм кæнынц Фыдыбæстæмæ уарзондзинад. Фæлæ, сæйрагдæр у ирхæфсæн программæ. Цымыдисаг дæсныйадæвдисæн ахуыртæ æмæ хъæзтытæ. Се ‘руаджы сывæллæттæ хъазынц æмæ æмхиц кæнынц спортмæ.
Æвзонг лæппутæ æмæ чызджытæм ма æнхъæлмæ кæсынц концерттæ, дискотекæтæ æмæ кинонывтæ. Кусджыты ныхæстæм гæсгæ, ахæм мадзæлтты ‘руаджы сывæллæттæ сæ телефонтæй фæиппæрд уыдзысты. Рæстæг æрвитынц пайдаимæ, уыимæ афтæ тагъд цæуы æмæ йæ æмбаргæ дæр нæ бакæнынц,- зæгъынц сывæллæттæ.
Центры уæлдай æргом здахынц дзæбæхгæнæн процедурæтæм. Уый тыххæй фарон ам фæзынд ног сæрмагонд корпус. Ис дзы массаж æмæ физиотерапийы кабинеттæ. Кусынц куыд ног афтæ советон рæстæджы уагъд ифтонггæрзтыл. Специалистты ныхæстæм гæсгæ, ахæм гæнæнтæ иу поликлиникæйы дæр нæй. Пайда у æрхæджытæ, рæуждытæ æмæ бронхæтæн. Сменæмæ сывæллон ацæуы 30 процедурæйы бæрц. Сывæллæттæн уарзондæр процедурæтæй иу та у “цæххы лæгæт”.
Сывæллæттæ рæстæгмæ æрцæрынц æртæбынатон уаты. Ам сын ис æппæт уавæртæ дæр. Химæ зилæн бынат, кабинеттæ. Хæрæндоны та раздæр æййæфтой къуылымпыдзинæдтæ. Фæлæ дзы дыууæ мæйы размæ сног кодтой кондадон цехтæ. Бауагътой хъармгæнæн хызæгтæ, баивтой бæстыхайы сæр. Ныридæгæн аив æмæ æнцонвадат уавæрты сывæллæттæн фынгтæ æрæвæрынц
бон фондз хатты.
Иу сменæ аххæсы 18 боны. Уыцы рæстæгмæ сывæллон ацæуы æппæт дзæбæхгæнæн комплекс. Иннæ фæлтæрæн та бацæттæ кодтой ноджы уæрæхдæр программæ. Сывæллæттæ бакусдзысты цыбыр кинонывыл. Радзурдзысты сын режиссер æмæ монтажеры куысты сусæгдзинæдты тыххæй.
Сæрдыгон дзæбæхгæнæн кампани æмткæй аххæсдзæн 400 сывæллоныл. Хицæн сменæ байгом кæндзысты Черниговы районæй сывæллæттæн. Алы сабимæ дæр уыдзæн бæстон цæстдард. Ахæм фæлладуадзæн рæстæг сывæллæттæ бæлвырд никуы ферох кæндзысты.
















