Цæгат Кавказы ахуырады райрæзтыл ныхас цыд федералон зылды æмбырды Дзæуджыхъæуы.Архайджытæ — профилон ведомствæты разамонджытæ æмæ педагогон уæлдæр ахуыргæнæндæтты ректортæ. Рухсады министр Сергей Кравцов видеобастдзинады фæрцы куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй Цæгат Ирыстон президенты хæслæвæрдтæ иууылдæр æххæст кæны. Арæзт цæуынц скъолатæ, бынуронæй цалцæг кæнынц сывæллæтты рæвдауæндæттæ æмæ колледжтæ. Ахæм æмбырдтæ ацæудзысты æгас бæстæйы дæр. Сæйраг нысан — райхалинаг фарстатæ базонын æмæ сыл федералон æмвæзадыл бакусын.
Уымæй уæлдай, регионтæ радзурдзысты сæ хуыздæр практикæты тыххæй. Райсом райдайдзæн проектон сесси. Сæйраг темæтæ — математикон æмæ æрдзон-наукон ахуырады хæрзхъæддзинад, чиныгдæтты рацаразт æмæ æндæр фарстатæ. Сергей Меняйлойы ныхасмæ гæсгæ, ахуырадыл хæрдзтæ ахсынц бюджеты 33,6%. Дыууæ азы размæ дæр ма ацы нымæц уыд æрмæст 24%. Цыбыр рæстæгмæ нырыккон уавæртæ сарæзтой 13 мин сывæллонæн. Базылдысты 66 скъоламæ. 138-ы ма фæнд кæнынц бындурон цалцæг скæнын. Уый у æппæт ахуыргæнæндæтты 70%. Сæргълæууæг бæстон æрлæууыд мызды фарстайыл дæр.
















