Ныр та аиуварсгæнинаг фарстайы тыххæй. Электрон тыхæй кусгæ æнгуыртæй кæсæгты фæсур кæнынц, стæй сæ æнцонтæй доны сæрæй сисынц. Браконьертæй хъаст кæнынц Црауы цæрджытæ. Сæ ныхæстæм гæсгæ, бынæттон цæугæдон сси фæткхалджыты уарзондæр бынат. Цæгат Ирыстоны кæсаг ахсæн нæй 15-æм июньмæ. Уыцы афон кæсæгтæ фæуадзынц еугæф. Адæмы фæнды былгæрæтты видеоцæстдарды камерæтæ сæвæрын.
Ноджы ма иу ахсджиаг фарста.
Стыр хæтæл, кæцы цæугæдонæй цæуы егъау дыргъдонмæ. Доны фылдæр хай кæлы уыцы ранмæ æмæ уый аххосæй кæсæгтæн сæ бон сæрибарæй ленк кæнын нæу. Цæрджытæ фæсидтысты дзуапдæттæг ведомствомæ. Уым сын ныфс бавæрдтой бынатмæ бæстонæй цæстдарын. Адæмæй курынц, цæмæй фыдгæнджыты куы фæхæст уой, уæд сæм фæхабар кæнын. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, закъоны ныхмæ, стæй тæссаг фæрæзтæй пайда кæнгæйæ кæсаг чи ахсы, уыдоны ивар у 300-йæ 500 мин сомы онг æмæ ахæстоны дыууæ азы онг фæбадын.
















