Цæгат Кавказы федералон зылды раззагдæр проектты райрæзтыл ныхас цыд сæрмагонд æмбырды. Амыдта йæ Уæрæсейы хицауады сæрдары хæдивæг Александ Новак. Видеобастдзинады фӕрцы дзы архайдта Дзанайты Барис. Ныхас цыд регионты 5 егъау ахсджиаг проекттыл.
Се ‘хсæн – промышленнон æмæ хъæууон хæдзарады куыстуæттæ, туризм æмæ æндæр къабæзтæ. Уыдоны райрæзтыл бакусгæйæ, регионты экономикон уавæр зынгæ фæхуыздæр уыдзæн. Санкциты рæстæг ацы проекттӕ æххӕст кæныны хъуыддаг уæлдай ахсджиаг у. Регионтæн Уæрæсейы хицауад цæттæ у баххуыс кæнынмæ, загъта Александр Новак.
Æмбырды Дзанайты Барис бæстонæй радзырдта, республикæйы цы 5 проекты æххæст кæнынц, уыдоны тыххæй. Сæ иумæйаг аргъ у 65 млрд сомы. Фыццаг проект – «Агропромышленнон комплекс». Уый фæлгæты арæзт æрцæудзæн дыргъдон, стæй дыргътæн сæрмагонд æвæрæнтæ. Ныридæгæн уал республикæйы сагъд æрцыд 678 гектарыл дыргъдæттæ. Æппæт куыстытæ хъуамæ фæуой 2024-æм азмæ.
«Агропромышленнон комплекс» æххæстгæнгæйæ ма арæзт æрцæудзæн агро-эко-туристон пакр «Земля Осетия», зæгъгæ. Ныртæккæ уал ын архайынц йæ проектыл. Дыккаг егъау проект у – «Туристон къабазы райрæзт». Йæ фæлгæты арæзт æрцæудзæн «Æрвыларзон тематикон парк «Алания-парк», зæгъгæ, стæй туристон-рекреацион комплекс «Кахтисар». Ныридæгæн ын архайынц йӕ фæндаггон инфраструктурæйыл, стæй электрон тыхы системæйыл. Æртыккаг егъау проект баст у валер кæсаджы хæдзарад парахат кæнынимæ.
















