Хицауад сфидар кодта паддзахадон лæггæдтæ дæттыны фæтк. Адæм сæ хъуамæ пайда кæной æхсæвæй-бонæй, суанг фæлладуадзæн бонты дæр. Ныр æппæт паддзахадон æмæ муниципалон лæггæдтæ ивд цæудзысты нымæцон хуызмæ, адæмы æнцойдзинадæн. Уый тыххæй фехъусын кодта Уæрæсейы хицауады сæрдар Михаил Мишустин.
Афтæмæй, бæстæйы цæрджытæн сæ бон уыдзæн сæ царды ахсджиаг фарстатæ æнцондæрæй аиуварс кæнын, сæрмагонд ведомствотæм сæ цæуын нæ хъæудзæн, афтæмæй. Ахæм ногдзинады руаджы бантысдзæн гæххæттын документтимæ баст зындзинæдтæ зынгæ фæкъаддæр кæнын, уæдæ фæрæвдздæр уыдзæн лæггад исыны ‘мгъуыд дæр. Фæлæ уыцы иу рæстæг адæймаджы гæххæттын документ куы бахъæуа, уæд æй йæ бон райсӕн уыдзæн бирæвæрсыг центрты, кæнæ бæрнон ведомствоты.
















