Дзæуджыхъæуы æнцонвадат уавæртæ куыд саразын хъæуы? Цæгат Кавказы хæххон-металлургон студенттæ æрныхас кодтой Цæгат Ирыстоны горæтты арæзтады лыггæнинаг фарстатыл. Дискусситæм лæмбынæг хъуыстой хуынд эксперттæ.
Сæйраг архитектор Цæллагты Алыксандр, Дзæуджыхъæуы администраци, уыимæ бизнес къабазы минæвæрттæ. Хуыздæрты кустдæтджытæ æрбахондзысты сæ проектты архайынмæ. Финалы сбæрæг кодтой æркаст «Город будущего»-йы уæлахиздзауты. Бацархайдтой дзы рæвдауæндæтты хъомылгæнинæгтæ, скъоладзаутæ æмæ студенттæ. Тымбыл стъол снысан кодтой горæтты æппæтдуенон бонмæ.
















