Бирæсывæллонджын æмæ æххуысцух бинонтæ райстой ахсджиаг æххуыс. Хъарм уæлæдарæс æмæ æндæр хъæугæ дзауматæ æрæмбырд кодтой «Бирæсывæллонджын бинонты иугонд»-ы. Уымæй уæлдай ма, сæрмагондæй мадæлтæн балæвар кодтой кусæнгæрзтæ.
Акци «Твори добро» у æрвылазон. Сарæзтой йæ Санкт-Петербургæй амалхъомадæймаг Юлия Серыхы æхцайы æххуысæй. Ацы аз æрбалæууыдысты 35 бинонтæй 100 сывæллонæй фылдæр. Æххуыс адæммæ хæццæ кæны адæмон фронт.
















