Европæйы тхэквондойæ ерысты уæлахиздзаутæ сыздæхтысты Дзæуджыхъæумæ. Цæгатирыстнойнаг спорстментæ Уæрæсейы иугонд командæйæн рамбылдтой 3 майданы. Æвзонг лæппуты ‘хсæн уæлахиздзау сси Цакъоты Сæрмæт. Танделаты Георгий рамбылдта сызгæрин майдан, Гуырцъыты Георгий та – бронзæ майдан. Ерыстæ сарæзтой Польшæйы. Æрæмбырд сты 46 бæстæйы минæвæрттæ. Цыппар боны нæ спортсментæ æвдыстой сæ арæхстдзинад. Куыд зæгъынц, афтæмæй ерысты бацархайыны фадат сæ къухы зынтæй бафтыд. Уæрæсейы ерысты сæхи æнтыстджынæй кæй равдыстой, уый дæр сын феххуыс. Фидæнмæ ис бирæ пълæнттæ. Сæ сæйраг нысан та у – Олимпаг чемпионтæ суæвын.
Танделаты Георгий: «Зын уыди! Кæй зæгъын æй хъæуы. Финалы фембæлдтæн Турккаг спортсменимæ. Цыппæрæм раунды фылдæр баллтæ райста. Мæнæй тыхджындæр разынд».
РЦИ-Аланийы тхэквондойæ сæйраг тренер Авет Оганесянц: «Ацы ерыстæн ис стыр ахадындзинад куыд спортсментæн, афтæ тренертæн дæр. Хæстæгдæр рæстæг та нæ сæйраг хæс у – Уæрæсейы 21 азæй фылдæр кæуыл цæуы, уыдоны ‘хсæн ерысты нæхи æнтыстджынæй равдисын. Арæзт уыдзысты декабры. Нæхи сæм цæттæ кæнæм».
















