Регионы разамонæг ма рахаста иу уынаффæ. Цæллагты Алыксандры снысан кодтой Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы æххуысгæнæгæй, уыимæ республикæйы сæйраг архитекторæй. Сæрмагонд указ бафыста регионы разамонæг Сергей Меняйло.
Уый размæ Цæллагты Алыксандр куыста архитектурæ æмæ горæты арæзтады республикон комитеты сæрдарæй.
















