Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады куыстуæтты экономикон райрæзты пилотон программæйы æххæсткæнынадыл ныхас цыд Дзанайты Барисы разамындæй æмбырды.Йæ сæйраг нысан – фæкъаддæр кæнын заууат коммуналон ресурсты æмвæзад æмæ энергон æвæрæнтæй пайда кæныны фæдыл фиддонтæ фæфылдæр кæнын. Цæгат Ирыстоны къабазы 22 куыстуаты исбон бакодтой иу организацийы бæрны, 7 та хъармæй ифтонгады кусæндæттæ, раздæр уыдон сæ хъомыс фесæфтой. Афтæмæй, ацы бæрæггæнæн æххæстгонд æрцыд 100% онг. Кондадон программæйы фæлгæты та бындуронæй сцалцæг кæндзысты инфраструктурæ, æртæ азмæ иумæйаг оператор сног кодта дондæттæн хызты 156 километры, 26 километры дондзæуæнтæ æмæ 13 километры та хъармгæнæнтæ. Æмбырды кæронбæттæн Дзанайты Барис дзуапдæттæг министрадæн бахæс кодта, цæмæй профилон структурæтæ иумæйагæй кæсой программæйы мадзæлтты æххæсткæнынадмæ.
















