preloader
сейчас в эфире
07:38
ДÆ РАЙСОМ ХОРЗ, ИРЫСТОН! 12+
Смотрите Далее
07:45
Музыкæ 12+
08:00
УТРО. НОВОСТИ 12+
08:05
ДÆ РАЙСОМ ХОРЗ, ИРЫСТОН! 12+
08:50
Музыкæ 12+
09:00
УТРО. НОВОСТИ 12+
ТВ ПРОГРАММА
ДÆ РАЙСОМ ХОРЗ, ИРЫСТОН! 12+
close

ЦИПУ-йы ацыд Девлет Гиреевы юбилейӕн нысангонд сӕрмагонд ӕмбырд

29.04.2026 16:19

Факультеты ахӕм фембӕлдтытӕ хонынц “Наукӕйы бонтӕ”.

Марина Гиреева абон дӕр дис кӕны: йӕ къай йӕ фыдимӕ иу бон райгуырд — 26-æм апрелы. Девлеты амардыл ныр рацыд 45 азы, фӕлӕ йӕ чызджы уыцы рӕстӕгмæ иу лыстæгдзинад дӕр нӕ ферох. Алцыдӕр йӕ зӕрдыл дары — цард кӕй фӕстӕ аскъуыд, уыцы ӕвирхъау хабар дæр. Маринайæн кӕддӕриддӕр ӕппӕты разӕй — йæ фыд, кӕд республикӕйӕн цардæгас энциклопедийæ уæлдай нæ уыд, уӕддӕр.

Йӕ хъысмӕт бирӕ цӕмӕйдӕрты зӕрдыл лӕууын кодта Александр Куприны хӕтӕнтӕ. Раджы баззад ӕнӕ фыдӕй, бирӕ фӕкуыста, Пятигорскмӕ та бахауд, зӕгъӕн ис, ӕмӕ ӕнӕнхъӕлӕджы. Фӕлӕ Лермонтовы уддзæф алы дуры дӕр кӕм уыд, уым “фӕрынчын” классикӕйӕ. Ӕмдзӕвгӕтӕ фыссын райдыдта скъолайы, фӕстӕдӕр та, Цӕгат Ирыстоны (уӕд ма) пединституты, сӕмбӕлд профессор Леонид Семеновыл. Йӕ фидӕн дӕр ын уый сбӕрӕг кодта. Лермонтовы сфӕлдыстад ахуыр кӕнын ын сси царды хъуыддаг.

1951-ӕм азы Гиреев æрыздӕхт Ирыстонмӕ ӕмӕ райста, литературӕзонынады, зӕгъӕн ис, ӕмӕ зонгӕ дӕр кӕй нӕ кодтой уæд, ахӕм темӕ. Ногӕй æркаст Михаил Булгаковы царды дзӕуджыхъӕуккаг рæстæгмæ.

Абон ЦИПУ-йы уырыссаг филологийы факультеты Девлет Гиреевы ном мысынц — йæ райгуырдыл 110 азы сæххæст. Залы ӕрӕмбырд сты йæ цоты цот, ӕмкусджытӕ ӕмӕ студенттӕ. Дыккагкурсон Тетцойты Сӕрмӕт сӕтты: Гиреевы роман “Гибель Фемиды”-йыл библиотекӕйы сӕмбӕлд ӕнӕнхъӕлӕджы. Авторы амарды фӕстӕ цы чиныг рацыд, уый студенты афтӕ сцымыдис кодта, ӕмӕ йӕ бакӕсынӕн ӕмӕ доклад скӕнынӕн къуыри йеддӕмӕ нӕ бахъуыд.

Девлеты ӕмкусджытӕ ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ мысыдысты канд йӕ уацтӕ нӕ, фӕлӕ йæ куысты уаг дӕр. Иу ӕнӕнхъӕлӕджы архивон уацхъуыдӕй ӕнӕхъӕн иртасӕн куыст рапарахат кӕнынмӕ куыд арӕхст, уый. Гиреев-иртасӕджы мадзæлттæ актуалон сты, суанг ныр дӕр, кæд гӕххӕттын картотекӕты бынатмæ нымæцон базæтæ ‘рбацыдысты, уӕддæр.

Факультеты ахӕм фембӕлдтытӕ хонынц “Наукӕйы бонтӕ”. Сæ нысан — фæлтæрæй-фæлтæрмæ зонындзинæдтæ дæттын. Цӕмӕй студенттӕ ӕмбарой: университеты истори фыстой, сӕ чингуытӕ абон дӕр тӕрхӕджытыл кӕмӕн ссарынц, ахӕм адæймæгтӕ.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
24.06.2026 | Национальные интересы
24.06.2026
Тамара Щукина I Дело мастера
24.06.2026
«Право на риск. Отрасль с нуля» I Точка отсчёта
24.06.2026
Переливание крови I Доброе утро, Осетия!
24.06.2026
Поэзийы театр æмæ балалайкæйы бон I Йæ рæстæгыл
23.06.2026
Искусственный интеллект — помощь или угроза?
23.06.2026
Куырттаты ком I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
23.06.2026
Фæрниаты Райæ I Фæрдгуытæ
22.06.2026
Сокровища Кавказа/ лекция 2: врачевание на Кавказе, поздняя бронза – раннее железо / Ossetica
22.06.2026
22.06.2026 I Самое время
22.06.2026
Поиск себя I Доброе утро, Осетия!
22.06.2026
«Булат» | К 90-летию Булата Газданова
21.06.2026
Куыд зæгъай, афтæ! I 21.06.2026
21.06.2026
В итоге: 21 июня
21.06.2026
Гвардия I 20.06.2026
20.06.2026
Все рекомендуемое