Туг раттын æмæ афтæмæй адæймаджы фервæзын кæнын. Республикæйы туджы станцæйы ацыд астæуыстæджы магъзы доноры акци. Бархионты нымæц фæстаг азты сырæзт, фæлæ уæддæр фаг не сты. Бирæтæ хорз нæ зонынц процедурæйы лыстæгдзинæдтæ æмæ тæрсынц. Афтæмæй та Уæрæсейы æрмæст фæдзмæ астæуыстæджы магъз баивын кæй бахъуыд, уыдоны нымæц уыд æмæ сты 5 мин адæймагæй фылдæр. Бæлвырддæр нæ дарддæры æрмæджы.
Баххуыс кæнын æмæ цард бахъахъхъæнын, ахæм уыд Хъалæгаты Илонæйы нысан. Чызг бархион сси 2009-æм азы, уæд фыццаг хатт æрбацыд акцимæ Мæскуыйы. Уæдæй райдыдта алцыдæр. Астæуыстæджы магъзы донорты регистры бирæ адæм нæ уыд. Уый тыххæй арæх нæ дзырдтой, хыгъдмæ бахизын та тæрсгæ кодтой. Уымæ гæсгæ алы рынчыны цардыл дæр карзæй тох кæнын хъуыд. Илонæ кодта хæрзаудæн куыст, уыд пациентты фарсмæ, æппынæдзух лæвæрдта туг. Бирæ уæззау хъысмæттæн уыд æвдисæн. Рынчындоны къулты фæстæ æмбæхст цаутæн.
хæм уавæрты фæсивæд уайтагъд ахъомыл вæййынц. 10 аздзыдæй сæ хъуыдытæ цæттæ адæймаджы хуызæн вæййынц. Сæ сабибонтæ сын раздахын уыд бархионты сæйраг хæс. Уымæ гæсгæ сæ фæлтæргай ластой реабилитацион центр «Барретстаун»-мæ Ирландимæ. Уыцы нывтæ уынгæйæ цард дыууæ дихы фæцис. Чызг æй æмбæрста баххуыс кæнæн сын кæй ис, уый. Регистрацийæ 10 азы фæстæ аирвæзын кодта цард. Чызг сси Петербургæй æрыгон нæлгоймаджы астæуыстæджы магъзы донор.
Сæ цард ног сыфæй райдайын бæллынц дæсгай сывæллоны. Баххуыс кæнынмæ та сын цæттæ сты зæрдæхæлар адæм. Ирина Олейник ацы хъуыддагмæ уæлдай бæрнонæй бацыд. Йæ фынгыл æрмæст пайдайаг хæринæгтæ, архайы спорты. Æнхъæл дæн æмæ хорз кандидат уыдзынæн, зæгъы чызг. Йæ туджы группæ стæм у — 4-æм æвæрццæг. Баххæст кодта æмбæлгæ гæххæттытæ æмæ туджы æххæст анализ радта.
Астæуыстæджы магъзы доноры акци республикæйы фыццаг хатт арæзт не рцыд. “Огонь жизни” дугъы архайджытæн кадджын уавæры радтой кады гæххæттытæ. Алчидæр сæ лæууы регистры æмæ уæззау низтимæ сабитæн сты стыр ныфс. Мадзал аразджытæ туджы станцæ, Фонд Быть добру, уæрæсейаг Сырх Дзуар æмæ Æнæниз Фыдыбæстæ.
Афæдзмæ астæуыстæджы магъз баивын кæй бахъуыд, уыдоны нымæц сырæзт. Уæрæсейы сты 5 мин адæймагæй фылдæр. Бæзгæ донор ссарын стæм хъуыддаг у. Гæнæн ис, æмæ бынтон хæстæг ис, у сыхаг, хорз хæлар кæнæ та ацæгæлон адæймаг. Фæлæ фарста у æрмæст иунæг – регистры хыгъды нæ лæууы. Уыцы хъуыддаг сраст кæнынæн та хъæуы æрмæст курдиат баххæст кæнын.
















