32 млн сомæй фылдæр снысан кодтой ацы аз “Цæгат Ирыстоны архивон хъуыддаджы райрæзты” паддзахадон программæйæн. 2024-æм азы уыцы фæрæзтæ уыдысты 26 млн сомы бæрц. Закъонæвæрджытæ æрдзырдтой паддзахадон лæггæдты хæрзхъæддзинадыл, паддзахадон архивы финансон æмæ материалон-техникон ифтонгадыл. Парламенты 37-æм æмбырды ивгъуыд азы хатдзæгтæ фехъусын кодта бæрнады разамонæг Хайманты Барис.
Æмбырды ныхас цыд Алагиры районы социалон-экономикон рæзтыл. Уым æнтыстджынæй æххæст кæнынц паддзахадон программæтæ. Фарон сног кодтой 1-æм, 2-æм, 3-æм æмæ 5-æм скъолатæ. Рацаразынвæнд кæнынц 8 рæвдауæндоны. Социалон контракты фæрæзтæй спайда кодтой 79 цæрæджы. Хъахъхъæнынады министрадимæ контракт чи бафыста, уыдонæн та бафыстой 5 млн сомы бæрц материалон æххуыс. Муниципалон сконды сæргълæууæг ма фехъусын кодта æндæр бæрæггæнæнтæ дæр.
















