7 майы Душанбейы цы æппæтадæмон машинæтыл згъорд райдыдта, уый æрхæццæ ис Цæгат Ирыстонмæ дæр. Ацыд «Барбашовы фæз», зæгъгæ, мемориалон комплексы.
Згъорды архайджытæ Казахстан, Уæрæсе æмæ Белоруссийы бабæрæг кæнынц тугкалæн хæстыты бынæттæ, æфсæддон ингæнтæ, хæстон темæйыл аразынц мысæн изæртæ, концерттæ. «Барбашовы фæз»-ы сæмбæлдысты хæсты ветерантимæ, цыртыл сæвæрдтой дидинджытæ, аллейы атезгъо кодтой. Бацыдысты мемориалон комплексмæ дæр. Архайджыты къорды ис æдæппæтæй 11 адæймаджы, фæлæ сæм алы горæты дæр ног æмæ ног адæм æрбафты. Уыдон æмбырд кæнынц хæстон рæстæджы тыххæй цаутæ. Цымыдис сæ кæны, адæм хæсты фæсчъылдым куыд цардысты æмæ рынчындæтты куыд куыстой, уый тыххæй, стæй ма хæсты иннæ архайджыты тыххæй. Цæгат Ирыстоны фæстæ абалц кæндзысты Налцыккмæ. Згъорд ахæсдзæн суанг 22 июнмæ, Фыдыстæйы Стыр хæст цы бон райдыдта, уæдмæ.
















