15-аздзыд тхэквондисткæ Алина Геворгян йæхи цæттæ кæны дунеон чемпионатмæ Узбекистанмæ. Ныридæгæн йæ къухы бафтыд Уæрæсейы турниры – “сыгъзæри” æмæ Европæйы “бронзæ”. Бæстæйы тырысаимæ рацæуыны бар та йæ ноджы разæнгарддæр кæны апрелы ерысты размæ.
Йæ уæлахизты бындур – æрмæст курдиат нæу, фæлæ ма æрвылбоны хиуыл куыст дæр. Тренировкæтæ къуыри æхсæз хатты, æппынæдзух уæзмæ цæстдард æмæ æнæкæрон спарингтæ. Тренерты къорд сæ архайд афтæ аразы, цæмæй уалдзæгмæ иттæг хорз цæттæ уой. Сæ ныхасмæ гæсгæ: æнахъомтимæ куысты ахсджиаг у, цæмæй ма стыхсой æмæ уымæ гæсгæ, уæлдай æргом здахынц фидæны ныхмæлæууæджы тактикæ равзарынмæ.
31-æм январы тхэквондойы Æппæтдунеон Федераци уæрæсейаг спортсментæн бар радта дунеон ерыстæм нæ тырыса æмæ гимнимæ рацæуынæн. Ахæм уынаффæ рахастой Иугонд Араббаг Эмиратты æмбырды. Барлæвæрд хауы куыд хъомыл атлеттæм, афтæ юниортæм дæр. Фæлæ ныртæккæ дæр арæнæвæрд ис федераци цы турниртæ аразы, уыдоныл. Уæрæсейы сæ кæнæн нæй, паддзахадон кусджытæ та аккредитаци нæ исынц.
Уæрæсейы тырыса раздæхдзæн адæмты ‘хсæн турнирмæ тхэквондойæ. Ацы уалдзæг нæ спортсментæ бæстæйы кад хъахъхъæндзысты дунеон чемпионаты. Уый сын у хорз фадат сæрыстырæй зæгъын: “Æз дæн Уæрæсейæ”-зæгъгæ. Федерацийы ныфс дарынц æмæ нырæй фæстæмæ райдайдзæн уæлахизты ног дуг.















