Базарадон центртæ æмæ дуканиты санитарон домæнтæ æххæст кæнын уæлдай ахсджиагдæр у. Æнæмæнг дзы хъæуы маскæтæ дарын, уыимæ ма дезинфекцигæнæн фæрæзтæй пайда кæнын. Уæрæсейы фæлхасгæнджытæм цæстдарды управленийы специалисттæ радон хатт бабарæг кодтой æхсæнадон бынæттæ.
Æхсæнадон транспорты бæлцæттæ фæлхасгæнджытæм цæстдарды управленийы рейдтыл фæцахуыр сты. Æрвылбон æхсæнадон транспорт æруромынц
фенынц, цæрджытæ маскæтæ дарыны фæтк æххæст кæнынц æви нæ, уый. Кæд уагхæлдытытæ раиртасынц, уæд шофыримæ кæнынц æмбарынгæнæн ныхас.
Базарадон центртæм æрбацæуæг адæм сæ фылдæр сты æнæ маскæтæй. Уый хыгъд, центры æрбахизæны ис æппæт хъæугæ фæрæзтæ: маскæтæ æмæ дезинфекци гæнæн фæрæзтæ. Фæлæ сæ цæрджытæ нæ пайда кæнынц.
Республикæйы сæргълæууæджы уынаффæмæ гæсгæ фæзындысты мобилон къордтæ дæр. Æрвылбон рацæуынц профилактикон рейдты. Сæ фæстиуджытæм гæсгæ рафыссынц административон уагхæлдтыты фæдыл протоколтæ. Уæрæсейы фæлхасгæнджытæм цæстдарды управленийы минæвæрттæ базарадон центрты разамонджытæм сидынц æмгуыстады тыххæй.
Æрвылбон рынчынты нымæц рæзы. Уымæн æвдисæн статистикæйы бæрæггæнæнтæ. Уый та уый тыххæй æмæ бирæтæ санитарон домæнтæм куыд фæндыйы цæстæй кæсынц, æмæ сæ не`ххæст кæнынц
Вакцинаци ацæуын у растдæр хъуыддаг, зæгъынц специалисттæ. Ныр та уал дзуапдæттæг ведомствæты кусджытæ араздзысты рейдтæ, цалынмæ низ нæ фæсæтта, уæдмæ.
Пелиты Сабинæ
















