Абон Уæрæсейы сбæрæг кодтой уæлдæфон-десантон æфсæддонты бон. Кæддæриддæр нымад уыдысты Уæрæсейы æфсæдты кадджындæртæй иуыл.
Бæрæгбонæн куыд æмбæлы, афтæ арвыстой уæлдæфон-десантон æфсæддонтæ сæ профессионалон бонбæрæг кæнгæйæ. 100 æфсæддонæй фылдæр æрбахастой дидинджытæ Советон Цæдисы хъайтар Василий Мегреловы цыртдзæвæнмæ.
Десантниктæ сарæзтой хæдтулгæтыл дугъ. Дарддæр абалц кодтой Барабашовы фæзмæ æмæ Афганистаны чи фæмард, уыцы хъайтарты мемориалмæ, сывæрдтой дзы дидинджытæ. Уыимæ ма молодежка ОНФ-имæ иумæйагæй бацархайдтой бархионты акцийы. Æнæрхъуыдыйæ нæ ныууагътой ацæргæ адæмы. Байуæрстой сын хойрæгты чыргъæдтæ.
Ацы аз уæлдæфон-десантон æфсæддонты профессионалон бон бæрæг кæнынц 91-æм хатт. Цæгат Ирыстоны ис 3000 десантникы бæрц. Алкæмæн дæр ацы бон у ахсджиаг.
















