Уæрæсейы хицауад «Хъæууон ипотека»-йы ставкæ арæнтæм хæстæг территориты фæкъаддæр кодта 3-йæ 0,1% онг. Уый тыххæй фехъусын кодта хицауады пресс-службæ. Сæрмагонд бардзырд бафыста премьер Михаил Мишустин.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, программæ кусы 2020-æм азæй фæстæмæ. Уæдæй абонмæ радтой 110 мин кредиты 220 миллиард сомæн. Цæрджытæ балхæдтой кæнæ сарæзтой цæрæнбынæтты 6 милуан квадратон метры. Æхцайы фæрæзтæ райсæн ис хи зæххы хайыл хæдзар самайынӕн, кæнæ хъӕуы цæттæ хæдзар балхӕнынӕн.
Программæйы архайд æххæсы хъæуты æмæ горæтты 30 мин адæймагæй фылдæр кæм цæры, уыдоныл.
















