Уæрæсейы рекордты чиныгмæ бахастой 5 аздзыд тхэквондисткæйы Дзæуджыхъæуæй. Пухаты Мария минуты æмгъуыдмæ иу къахыл æрбадт 20 хатты. Афтæмæй чысыл спортсменкæ акъуырдта йæ раздæры рекорд- 17 æрбадты. Чызджы къухы ахæм æнтыстдзинæдтæ бафтыд спорты галуаны йæхи кæй фæлвары, уый руаджы.
Пухаты Мария тхэквондойæ йæхи фæлвары афæдзы бæрц. Чызгыл кæд нырма 5 азы цæуы, уæддæр ын йæ ном бахастой Уæрæсейы рекордты чиныгмæ. Чысыл спортсменкæйæ хуыздæр нæ разынд чызыты хсæн иу минуты æмгъуыдмæ иу къахыл æрбадынæй.
Мария йæ раздæры рекорд дæр акъуырдта. Кæд раздæр 17 хатты æрбадт, уæд ныр та 20 хатты. Чысыл тхэквондистты тренер Алик Бучукури куыд зæгъы, афтæмæй чызджы курдиат уайтагъд дæр бамбæрста. Уымæ гæсгæ конкурсы бацархайынмæ курдиат арвыста.
Алик Бучукури, тренер: «Мах бацæттæ кодтам видеормæг Марияйы гæнæнты тыххæй. Секундомер дæр дзы зындис. Æрмæг арвыстам Мæскуйы эксперттæм. Уыдон нын фыццаг хаттæй аргъ скодтой».
Конкурс аразджытæ архайджыты размæ æвæрынц сæрмагонд хæстæ. Иу æрбадт дæр раст куы нæ скæнай, уæд нымады нæ цæуы.
Алик Бучукури, тренер: «Мах фæндыд цæмæй Мария йæ гæнæнтæ иууылдæр раргом кæна, фæлæ нын рæстæг не сфаг ис. Марияйæн йæ бон у 50 хатты дæр æрбадын. Федерадлон æмвæзадыл ерысты лæвар мæнмæ гæсгæ райсын алкæй дæр фæнды».
Тхэквондойы Федерацийы цæттæгæнæн хайады ацы сгуыхтдзинад фыццаг нæу. Уый размæ 8 азыдзыд Хъараты Сабинæ бахауд Уæрæсейы Гинессы чиныгмæ. Уый иу минуты æмгъудмæ иу къахыл æрбадт 40 хатты. Афтæмæй йе`мгæртты хсæн ссис хуыздæр.
Уазиты Залинæ
















