Уæрæсейы скъоладзауты змæлды активисттæ бабæрæг кодтой Цæгат Кавказы хæххон-металлургон институт.
Фæсивæдæн уыд фадат студентты сæ равзæрст дæсныйадæй бафæрсын. Фидæны сæхи цы куыст кæнын фæнды, уый дæр радзырдтой. Ахуырнгæнджытæ сæ базонгæ кодтой уæлдæр ахуыргæнæндоны хуыздæр традицитимæ. Педагогты фæнды, цæмæй скъоладзаутæ фидæны Цæгат Кавказы хæххон-металлургон институты студенттæ суой. Ныртæккæ ахуыргæнæндоны гæнæнтæ уæрæх сты. Йæ рауагъдонтæн куыст ссарын æнцон у.
Уæрæсейы скъоладзауты змæлды регионалон хайады разамонæг Мæргъиты Жаннæ куыд фæнысан кодта, афтæмæй рæзгæ фæлтæр фидæны дæсныйад æмæ уæлдæр ахуыргæнæндон хъуамæ æвзарой бæстонæй.
















