Уæзласæн транзитон транспортон электрон хыгъд саразын. Ууыл куыстадон фембæлды рæстæг дзырдтой регионы разамонæг Сергей Меняйло æмæ Цæгат Кавказы таможнæйы управленийы разамонæджы хæдивæг Дмитрий Штенберг.
Ног системæйы руаджы Уæрæсе æмæ Гуырдзыстоны арæны куыст фæрогдæр уыдзæн. Шофырты цалдæр км рады лæууын нал хъæудзæн, уыимæ ног фæтк хуыздæрырдæм фæзындзæн фæндаггон æдасдзинадыл. Нымæцон рæзты комитетæн Сергей Меняйло бабар кодта цыбыр рæстæгмæ сæрмагонд электрон программæйыл бакусын.
Уымæй уæлдай регионы фæнд кæнынц уæзласæн транзитон транспортæн фæндагмæ `ввахс сæрмагонд бынæттæ саразын. Æппæт фарстатыл фæдыл хицауад æмгуыст кæндзæн мидхъуыддæгты министрад æмæ таможнæимæ.
















