Хусрæстæджы аххосæй хъыгдард баййæфтой Алагиры, Æрыдоны, Кировы, Рахизфарсы æмæ Горæтгæрон районты быдыртæ. Уалдзыгæндты фидæны тыллæгæй хурмæ басыгъд – мæнæу, хъæбæрхор, сысджы, хъæдур, рапс, соя æмæ æндæртæ. Уæлдай зиан æнтæф боныхъæд æрхаста нартхорæн. Цы 115 мин гектары байтыдтой, уыдонæй 10 мин гектары тыллæг нал æрæмбырд кæндзысты. Дзуапдæттæг министрады специалисттæ сарæзтой мониторинг. Хъæууон-хæдзарады министры хæдивæг Къадзаты Игорь куыд загъта, афтæмæй зæхкусджытæ бакуыстой сæ тыхы ‘мбæрц. Афойнадыл бахастой хъацæнтæ. Мæрæн не ‘сфаг ис æрмæст дон. Алы бон дæр иу температурæ 30 градусæй уæлдæр схызт. Уæлдай зын уавæр уыд Рахизфарсы районы. Мæры цъар дзы метрмæ бахус. Министрады специалисттæ зæрдыл æрлæууын кодтой, зæхкусджытæн сæ бон æххуыс райсын кæй у.
















