Абон зындгонд уæрæсейаг спортсмен, профессионалон боксер Гасситы Муратыл сæххæст 25 азы. Уый фæдыл ын арфæйы ныхæстæ арвыста йæ фыстæджы Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав.
«Нæ зынаргъ Мурат! Кæд нырма дæ царды фæндагыл бирæ нæ рауадтæ, уæддæр схызтæ спорты бæрзонддæр къæпхæнтæм . Адæм дæ бирæ уарзынц, аргъ дын кæнынц. Куыд спорты, афтæ царды дæр, кæстæртæн дæ фæзминаг, де `нтыстдзинæдты руаджы нæ чысыл лæппуты фæнды дæ къахвæдыл ауайын. Æнæхъæн дунейы, Уæрæсейы, нæ республикæйы дæ уарзы тынг бирæ адæм æмæ дын сæ уарзондзинад царды тыхдæттæг уæд. Раст фæндагыл лæууыс æмæ ныфсджын у».
Битарты Вячеславы зæрдæ ма нæ зынгонд спортсменæн зæгъы æнæниздзинад æмæ ног уалахизтæ!
















