Александр Реутовы суæгъд кодтой республикæйы вице-премьеры бынатæй, снысан æй кодтой Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы уынаффæгæнæгæй. Хицауады сæрдары фыццаг хæдивæг сси Роман Батршин. Раздæр уыд Запорожьейы облæсты губернаторы хæдивæг. Регионы йæ цæст дардзæн исбонады æмæ æрдзон æвæрæнты министрадтæм, тæрхонгæнджыты аппаратмæ, ЗАГС æмæ архивон службамæ. Кадрты ивддзинæдтæ рахастой хицауады æмбырды Сергей Меняйлойы указмæ гæсгæ.
Хицауады æмбырды ма æрдзырдтой æндар ахсджиаг фарстатыл. Министрты кабинет æркаст æмæ рахаста культурон объектты хъахъхъæнынады зонæтæ снысан кæныны тыххæй 5 проекты, уыдон сты Æрæфы æмæ Алагиры районты, уыимæ Дзæуджыхъæуы. Уымæй уæлдай нысангонд æрцыдысты сахарты арæзтадон регламенттæм домæнтæ.
















