preloader
сейчас в эфире
14:47
OSSETICA 12+
Смотрите Далее
15:10
ПОЭТ. ДОРОГА К СВЕТУ. ГРИГОРИЙ ПЛИЕВ 12+
15:40
МУЗЫКÆ 12+
16:00
НОВОСТИ 12+
16:15
КУЫД ЗÆГЪАЙ, АФТÆ! 12+
17:30
НЫСАНТÆ 12+
ТВ ПРОГРАММА
OSSETICA 12+
close

Волейболæй командæ бадгæйæ “Алани” сарæзтой гом дуæртты бон

26.05.2026 16:49

Афæдзæй-афæдзмæ волейбол бадгæйæ парахат кæны.

Куыд командæйы иннæ архайджытæ, афтæ Уалыты Аркадий дæр йæ Райгуырæн бæстæ хъахъхъдта сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы. 22-ӕм азы декабры йӕ дыууӕ къахы дӕр уӕззау цӕф фесты. Бирæ рæстæг фæцис госпиталы. Фæлæ йæ ныфс нæ асаст. “Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ” фонды фæрцы райдыдта волейболæй бадгæйæ архайын. Æртæ азмæ фæхуыздæр кодта йæ æнæниздзинады уавæр, уыимæ ма Уæрæсейы алы горæтты ссардта ног хæлæртты.

Ацы спорты хуызимæ хæстæгдæр базонгæ уæвын кæй бафæндыд, уыдонæн командæйы архайджытæ скодтой хуымӕтӕджы матч нӕ, фӕлӕ гом дуӕртты бон. Уазджытӕн фадат уыд спортсментимӕ аныхас кӕнынӕн, тренировкӕтӕ куыд цӕуынц, уый фенынӕн.

Республикæйы волейболӕй командӕ бадгӕйӕ фӕзынд 3 азы размӕ фонд “Фыдыбӕстӕ Хъахъхъӕнджытæ”-йы фӕрцы. Уыцы рӕстӕгмæ спортсментӕ сæхи æнтыстджынæй равдыстой алыхуызон ерысты. Ныртӕккӕ сӕ размӕ ӕвӕрынц стыр нысантӕ. Фæнд кæнынц, гæнæн куыд ис, афтӕ фылдӕр адӕм ӕрбангом ӕмӕ Ӕппӕтуӕрӕсеон ӕмвӕзадмӕ рацӕуын.

Афæдзæй-афæдзмæ волейбол бадгæйæ парахат кæны. Спортсментӕ сӕ хъӕддыхдзинад ӕмӕ сӕ уды фидардзинадæй сбӕлвырд кодтой, алцæмæндæр уæвæн ис.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
25.08.2026 I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
25.08.2026
Артур Таймазов I По большому счету
24.08.2026
24.08.2026 I Самое время
24.08.2026
Дебаты. Выборы депутатов Государственной Думы 2026
24.08.2026
24.08.2026 I Доброе утро, Осетия!
24.08.2026
Æз дзыллæйæ къаддæр куы дарин… I Гæздæнты Булат
23.08.2026
В итоге: 23.08.2026
23.08.2026
Агурӕг I 22.08.2026
22.08.2026
Аккорды мыслей I Земфира Цахилова
22.08.2026
Зæххыты уавæр, Къостайы хæдзар-музейы цалцæг æмæ спортсмен-экстремал I Йæ рæстæгыл
21.08.2026
Здоровая красота I Доброе утро, Осетия!
21.08.2026
20.08.2026 I Кадры
20.08.2026
20.08.2026 I Тактика
20.08.2026
Студенческие спортивные клубы, цветение амброзии и актуальные новости недели I Самое время
20.08.2026
20.08.2026 I Ирон чат
20.08.2026
Все рекомендуемое