Хæхбæсты цард кæй æнхъæвзтис, уый дызæрдыккаг хъуыддаг нæу. Рæстæг размæ куыд згъоры, афтæ хæххон хъæутæ куынæгæй-къуынæгдæр кæнынц. Адæм хуыздæр цардагур ралыгъдысты горæттæм. Афтæ Къамскойы хъæуккæгтæм дæр. Фæлæ та ныр хæххон хъæуы цæрджытæм царды ныфс фæзынд. Фидæны сын сæ фарсмæ сараздзысты Мамысоны туристон комплекс. Цæмæ æнхъæлмæ кæсынц Мамысоны фæстæ цæрджытæ, уый базыдта ме `мкусæг Плиты Хетæг. Дæттæм ын ныхасы бар.
Челдыты Батрадз цæры Къамсхойы 1957 азæй. Иунæг дзы нæу. Ис ма дзы æртæ хæдзары. Батрадз йæхи дары æрмæстдæр хи фæллойæ. Йæ цæхæрадоны – картоф, нурытæ, хъæдындз, къабуска, цæхæра. Искуы-иу хатт æй æндæр исты дæр бахъæуы. Уæд йæ йæ фæндаг ракæнын фæхъæуы Бурон кæнæ та Алагирмæ. Афтæмæйты йæхи сифтонг кæны къорд рæстæгмæ.
Адæмы ныхæстæм гæсгæ, цæрæнбонты сæм электрон тых нæ уыд. Ахæм хъуыддаг Челдыты Батрадзæн йæ зæрдæмæ нал цыд. Айтæ-уйтæ нал фæкодта, æгуыстæй бадын ахуыр чи нæу, уыцы лæг. Бавдæлд, æмæ йæхи къухæй йæхицæн уыцы хæрзæх самал кодта.
Советон Цæдисы рæстæг хъæу мæлдзгуыты губаккау æмызмæлд кодта. Адæм ницы цух уыдысты. Къамскхойы рæзгæ фæлтæр скъоламæ уадысты Лисри кæнæ Калачыхъæумæ. Хæстæг сæм сты. Куыста дзы колхоз дæр. Рæстæг цыд, дуг ивта, адæм дæр хохæй быдырмæ сæ ных сарæзтой.
Мамысоны уд бауаддзысты, зæгъгæ, хабар куы фехъуыстой, уæд сæ зæрдæтæ барухс сты. Ног курорты сыхаг уæвын сæм кадджын кæсы. Цалдæр километры йеддæмæ нæй се `хсæн. Æххæстæй нæма `ууæндынц, цы хъусынц, уыцы ныхæстыл. Аразын, дам, æй рагæй хъавынц. Фæлæ хъуыддагæй куы ницы уыдтой, уæд адæмæн дæр сæ ныфс асаст. Ныр сæ зæрдæ дарынц Битарты Вячеславыл. Мамысон куы скуса, уæд сæ фадæттæ хъуамæ фæрогдæр уой.
Хъæуы цæрджытæ бонтæ нымайынц, проектыл кусын кæд райдайдзысты, уымæ. Кæм æй æххæст кæндзысты, уыцы ранмæ `ввахс ма Къамсхойæ уæлдай ис æртæ хъæуы: Згил, Калак æмæ Лисри. Адæмы та ногæй бауырныдта, ардæм æрмæстдæр хæхты рæсугъддзинады тыххæй чи цæуы, уыдон дзы цæрыны фадæттæ дæр кæй фендзысты. ахæм ран та бындуронæй цæрæн дæр ис.
















