Æхсызгон хабæрттæ – фæсхохæй. Цхинвал æмæ италиаг горæт Рондаццо бафыстой хæлардзинад æмæ æмгуыстады бадзырд. Сæ къухфыстытæй йæ сфидар кодтой Хуссар Ирыстоны сæйраг горæты администрацийы сæргълæууæг Косты Алан æмæ Рондаццойы мэры хæдивæг Кармело Тиндаро Скализи. Гæххæтты куыд амынд ис, афтæмæй мадзал хъуамæ ахъаз уа дыууæ регионы `хсæн ахастдзинæдтæ фидар кæнынæн, культурон æмæ хæларадон бастдзинæдтæ æндидзынæн. Косты Алан куыд фæнысан кодта, афтæмæй ахсджиагыл нымайы ахæм бадзырды фæзынд æмæ йæ уырны, йæ амынддзинæдтæ канд фыстæй нæ, фæлæ ма хъуыддагæй дæр кæй равдисдзысты сæхи. Ноджы бæлвырддæр хабæрттæ базондзыстут нæ дарддæры `рмæгæй.
Италиаг Рандаццойæ уазджыты зæрдæтæм фæцыдис сæ балц. Цы бадзырд бафыстой, уый банымадтой ахсджиаг къахдзæфыл, дыууæ бæстæйæн дæр пайда чи уыдзæн, уыцы фæндагыл. Кæд географион æгъдауæй дард сты кæрæдзимæ, уæддæр сæ уый нæ уромы. Кæрæдзийы æххæстæй дæр кæй бамбардзысты, уый сæ уырны. Хуссар Ирыстонæн уазджытæн сæ зæрдæ фыццаджыдæр сабырдзинад загъта. Сæхимæ дæр ма сæ ахуыдта. Республикæйы президент дæр сæ уæдæ æнæрхъуыдыйæ нæ ныууагъта, семæ фембæлд.
Республикæ Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий: «Махæн тынг æхсызгон у, нæ фæсарæйнаг уазджыты Хуссар Ирыстон цымыдис кæй кæны, йæ истори, йæ культурæ, йæ адæмæй. Цы бадзырд бафыстам, уый нæм кæсы тынг ахсджиаг цау. Уымæн æмæ нæ фæнды, цæмæй нын нæ республикæйы тыххæй фылдæр зоной æмæ йæ уыной, мах хæларзæрдæ адæм кæй стæм, стæй нæ æмгуыстады фæндагыл лæууын кæй фæнды».
Бибылты Анатолийы хъуыдымæ гæсгæ, хорз у, горæттæ уал кæрæдзийы кæй бамбæрстой, уый. Афтæмæй сын рæхджы сæ хал ахæрдзысты паддзахæдтæ дæр. Раздæр уал Хуссар Ирыстоны президент фембæлд Италийы разамынды минæвæрттимæ æмæ сæ зæрдæрухсæй баззад. Кармело Тиндаро Скализи дæр уæдæ йæ дзуаппон раныхасы бафиппайдта, ацы балцæй разы кæй у. Цæрджытæ йæм фæкастысты тынг æргомзæрдæ, уый та фидæны æнтыстытæн хорз бындурыл нымайы.
Фембæлды кæронбæттæны йæ архайджытæ кæрæдзийæн ракодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ. Уыйфæстæ та уазджытæ дидинджытæ сæвæрдтой Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы мемориалыл Цхинвалы 5-æм скъолайы кæрты.
















