Уæрæсейы паддзахадон думæ биоэтанолы тыххæй закъоны проект ныффидар кодта. Депутаттæ ахæм уынаффæ рахастой æмхъæлæсæй. Биоэтанолæй пайда кæнынц артаджы бæсты.
Ног закъоны проекты фæрцы, снысан кæндзысты “биоэтанол” уадзыны æмæ парахат кæныны фæтк. Закъон цæмæй йæ тыхы бацæууа, уый тыххæй уал æм æркæсдзысты Федерацийы
Советы, стæй Уæрæсейы Хицауады. Зæгъын хъæуы, уый æмæ ацы закъоны проект нæ республикæйæн уæлдай ахсджиаг у. Биоэтанолы куыст кæнынмæ Ирыстоны цæттæ сты 10 заводæй фылдæр.
















