Зассеты Алан йæхи æрмдæсны нæ хоны. Куыд зæгъы, афтæмæй æппынæдзух кæны ахуыр. Йæ куыстыты ‘хсæн дыууæ æмхуызоны ссарæн нæй. Сæдæгæй алыхуызон дзауматæ аразын æнцон хъуыддаг нæу. Лыггæнгæйæ сдæг кæны рыг, фæлæ ацы куыст у йæ зæрдæйæн хæстæг. Зассеты Алан ныр дыууæ азы ис инвалидон коляскæйы. Йæ къæхтæ æнæнхъæлæджы куы нал куыстой, уæд нæлгоймаг йæхицæн ссардта зæрдæмæдзæугæ архайд уæлæмхасæн сфæлдыстады. Сыкъа цыргъ кæны хи арæзт ифтонггарзыл. Йæ мотор у зæронд уазалгæнæнæй.
Ацы æрдзон æрмæг йæ миниуджытæм гæсгæ у хъæдæрмæг æмæ æфсæйнагмæ хæстæг, зæгъы Зассеты Алан. Æнцон асæттæн у, фæлæ уыцы-иу рæстæг у æнцонархайд. Зæронд сыкъа лыг кæнынæн у хуыздæр, уымæн æмæ у фидардæр.
Зассеты Алан йæ куысты æвдисы хуымæтæг сыкъайæ куыд ис саразæн цымыдисаг дзаума. Фыццаг архайын куы райдайы, уæд æй æрмдæсны рагацау фæзоны цы дзы рауайдзæн, уый. Æппæт лыстæгдзинæдтæ дæр уал сныв кæны кърандасæй, æрмæст уый фæстæ бавналы лыг кæнынмæ.
Сфæлдыстады архайынмæ йын кæддæриддæр æххуыс кæнынц йæ бинонтæ. Уыдон кæдфæнды дæр сты йæ фарсмæ. Суанг ма йæ гæды дæр. Йæ ном Бумер. Тыхджын хъæлæба æмæ рыгæй æппындæр нæ тæрсы, у ахуыр. Баххуыс кæнынмæ цæттæ Аланы бинойнаг Еленæ дæр. Иумæ цæрынц ныр 30 азы дæргъы. Æмбал кæмæн нæй, уыцы сыкъатæн æрæджы баивтой сæ бынат. Ныр сæ фенæн ис Нымæты Хæдзары. Аланы бæллиц сæххæст кодта йæ фырт.
Зассеты Алан куыд радзырдта, афтæмæй æрмдæсныйады архайын уарзы сабибонтæй фæстæмæ. Йæ хæдзар дæр нæлгоймаг сарæзта йæхæдæг. Æнæ хицæн агъуыстæй сдæгимæ архайынц æнцон нæу. Хъæуы бирæ æрмæг, кусæнгæрзтæ æмæ рæстæг. Чысыл сыкъайæн бахъæуы цалдæр боны.
Йе сфæлдыстадон куыстытæ Зассеты Алан аразы як, къамбец, гал æмæ дзæбидырты сыкъатæй. Уæвгæ та, нæлгоймагмæ тынг цымыдисаг кæсы ног, алыхуызон æнæзонгæ æрмæгимæ архайын. Йæ куыстытæ адæмы зæрдæтæ балхæдтой равдыст-форум “Уæрæсе”-йы, Мæскуыйы. Ныридæгæн сын аргъ скæнæн ис республикæйы национ музейы равдыстыты залы. Экспозици ахæсдзæн 12-æм январмæ.
Зассеты Алан аразы бæрæгбоны сыкъатæ дæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ахæмтæ хъуамæ уой алы ирон хæдзары дæр. Йæ куыстытæ та канд нæ республикæйы цæрджыты зæрдæмæ нæ цæуынц. цымыдисаг фæкæсынц туристтæм дæр.
















