preloader
сейчас в эфире
23:05
ТАНЦЫ НА ВЫСОТЕ 16+
Смотрите Далее
23:50
ХАБӔРТТӔ 12+
ТВ ПРОГРАММА
ТАНЦЫ НА ВЫСОТЕ 16+
close

Журнал “Мах дуг” радта фыдыбӕстӕйы стыр хӕст салдаты сӕфт фыстӕг йӕ бинонтӕн

6.05.2026 13:14

Фыстӕг æрвыст æрцыд 1944-ӕм азы цыппурсы мӕйы 10-ӕм бон. Ацы аз ыл ӕххӕст кæны 82 азы. Солтанты Гахарман æй йæ бинойнаг Жюримæ æрвыста.

Салдаты конверт — фронтӕй хабар фехъусын кӕныны иунӕг мадзал. Хӕсты 4 азы дӕргъы советон хӕстонтӕ арвыстой 2 миллиард фыстæгæй фылдӕр. Диссаг у, иуӕй-иутӕ сæ нырма абон ссарынц кæмæ ‘рвыст сты, уыдоны. Æрæджы Касаты Аслӕнбегыл ӕрцыд диссаджы цау. 6 азы размæ йын цы журналтæ балæвар кодтой, уыдонæй иу рафæлдæхта — “Мах дуджы” рагон рауагъд, æнусы ‘рдæгæй йыл фылдæр цæуы. Сыфты ‘хсæн разынд ӕнахуыр ссарӕггаг.

Бурбын сыфыл Аслӕнбег раиртӕста ӕрвитӕджы адрис ӕмӕ ном, фæлæ йæ дарддæр нал бакаст. Уый дæр фаг уыд адресаты ссарынæн. Сæтты, райдианы йын зын кæй уыд фыстӕг раттын. Ахæм “хæзнайыл” лæг арæх нæ амбæлы.

Хетӕгкаты Оксанӕ куыд зæгъы, афтæмæй журналы историйы ахӕм цау фыццаг у. Хабар Аслӕнбегӕй куы фехъуыста, уӕд уайтагъд загъта — историон рӕстдзинадæн æнæ ‘рцæугæ нæй.

Фыстӕг æрвыст æрцыд 1944-ӕм азы цыппурсы мӕйы 10-ӕм бон. Ацы аз ыл ӕххӕст кæны 82 азы. Солтанты Гахарман æй йæ бинойнаг Жюримæ æрвыста. Ӕнусы ӕмбисӕй фылдӕр фронтӕй хабар ӕнхъӕлмӕ каст йӕ сахатмӕ. Салдаты хӕстӕджыты ссарын ӕнцон нӕ уыд. Хъуыддаг къухы бафтыд социалон хызты фӕрцы. Солтанты Иринӕ — уыцы Гахарман æмæ Жюрийы хъӕбулы хъӕбул. Зӕгъы, ссарӕггаджы хабар куы базыдта, уæд йӕ цӕссыгтӕ бауромын йӕ бон нæ баци.

Ӕнӕнхъӕлӕджы ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ тынг зынаргъ лӕвар 9-ӕм маймӕ. Ныр Солтантæ цӕстыгагуыйау хъахъхъӕндзысты фыстæг ӕмӕ йæ фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ дæтдзысты.

ДЕЛАЕМ ГОРОД КОМФОРТНЕЕ
Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
10.06.2026 I Доброе утро, Осетия!
10.06.2026
Туризм | Разбор полётов
9.06.2026
Экономикон форумы хъомыс, картофы ног мыггæгтæ æмæ Рекомы бæрæгбон | Йæ рæстæгыл
9.06.2026
Æппæтадæмон хæлардзинады бон | Дæ райсом хорз, Ирыстон!
9.06.2026
Ставд-Дуртæ. Уарзиаты Зарæ I Фæрдгуытæ
8.06.2026
Самое время I 08.06.2026
8.06.2026
08.06.2026 I Доброе утро, Осетия!
8.06.2026
В итоге: 07.06.2026
7.06.2026
Куыд зæгъай, афтæ! I 07.06.2026
7.06.2026
06.06.2026 | Саутæ, буртæ, мыдхуызтæ
6.06.2026
История – в наследство I Гвардия
6.06.2026
Зæхкусæджы сагъæстæ I Хæдзарадон
5.06.2026
Проект «Алания. Это мо земля», Зæрон Бæтæхъойыхъæуы фæсивæд æмæ бархионты архайд I Йæ рæстæгыл
5.06.2026
Рамазан Гаджимурадович Абдулатипов I Большое интервью
5.06.2026
Праздник Холи I Доброе утро, Осетия!
5.06.2026
Все рекомендуемое